Донхæрис загъ мæ мын цæуыл кауыс
Донхæрис дæ цæссыг цæуыл калыс
Æви дæ мæнау дæ уарзон ныууагъта
Дæ цæссыг æнæвгъауай донмæ куы калыс
Дæ цæссыг æнæвгъауай донмæ куы калыс
Донхæрис кæм и дæ цъæх дарæс
Донхæрис цæмæн дæ фæныгы ‘нгас
Мыййаг кæд дæу дæр мæн хуызæн фæсайдтой
Дæ уарзты арты рæйгæ судзгæ ныууагътой
Мыййаг кæд дæу дæр мæн хуызæн фæсайдтой
Проигрыш.
Донхæрис уалдзæг æрлæудзæнис
Донхæрис цъæх дидинæг калдзæнис
Мæнæн та мæ зæрдæйы арфæ цъæрдзæни
Цæрæнбонты дæр мæ нæ ферох уыдзæни
Цæрæнбонты дæр мæ нæ ферох уыдзæни
Цæрæнбонты дæр мæ нæ ферох уыдзæни…